Хуссар Иры минæвар хайад райста Сандиниcтаг революцийы цытæн бæрæгбоны

© Photo : Пресс-служба МИД РЮОХуссар Ирыстоны минæвар райста хайад Сандинитаг революцийы цытæн бæрæгбоны
Хуссар Ирыстоны минæвар райста хайад Сандинитаг революцийы цытæн бæрæгбоны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар Никарагуайы Козаты Нарим Сандиниcтаг революцийы бæрæгбоны рæстæджы адæдта республикæйы президент Даниэль Ортегайæн арфæйы ныхас хуссарирыстойнаг коллегæ Гаглойты Аланæй, хъусын кæны РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) пресс-службæ.
Цытджын мадзæлттæ ацыдысты горæт Манагуайы центры, митинджы хайад райстой дипломатон корпусы минæвæрттæ, паддзахады минæвæрттæ æмæ бирæнымæц æхсæнад. Уазджытыл арфæйы ныхасимæ сæмбæлдысты Даниэль Ортега æмæ вице-президент Росарио Мурильо.
Никарагуа банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2008 азы сентябры райдианы, уый фæстæ республикæйы хæдбардзинад банымадтой Венесуэлла, Науру æмæ Сири.
Козаты Нарим нысангонд æрцыд Хуссар Ирытсоны минæварæй Никарагуайы 2016 азы майы.
Ног хабӕртты лентӕ
0