Боциты Барон Саст рæхыс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Саст рæхыс"

Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 1.3 хай

Боциты Барон. Роман «Саст рæхыс». 1.3 хай
Рафыссын
— Ахæм фыдуаг ма фæуа, куыд нæ уал лæууы æнæ быдырмæ ацæугæ! Иæ нывонд æрбауон, кæд мын уый æмбаргæ у, уæд, — зæгъгæ, фæкодта Фатъи, йæхæдæг райсом раджы арт кæны пецы, афтæмæй мæнæ Тему дуар æрбакодта.
Нозтджынæй, йæ цæсгом æнæ даст, даргъ сау боцъотæ даугæ æрбацæуы хæдзары астæумæ. Йæ тæнæг цæсгомы æхсæнæй йæ гуыбыр къуыпрагъ фындз цывзыйы сæры хуызæн сырх-сырхид дардта. Фатъимæ йæ цъæх цæстытæй бахудтис æмæ йæм дзуры:
— Эх, не 'фсин, ды мын æгас куы уай, уæд мæнæн
цæрын æнцон у. Æз ныртæккæ бирæ нæ дзурын, нозтджын дæн, фæлæ мын уат æркæн уæртæ тæрхæгыл, дæ хорзæхæй!
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0