УФ æфсæдтæ скуынæг кодтой УГТ æмæ æххуырст æфсæддонты дислокацийы бынат Николаевы

© Sputnik / Андрей Станавов /  Ахизын медиабанкмæУФ æфсæдтæ скуынæг кодтой УГТ æмæ æххуырст æфсæддонты дислокацийы бынат Николаевы
УФ æфсæдтæ скуынæг кодтой УГТ æмæ æххуырст æфсæддонты дислокацийы бынат Николаевы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 июл - Sputnik. Украинæйаг æфсæддонтæ æмæ фæсарæйнаг æххуырст хæстонты дислокацийы бынат нау аразæн заводу цур уазæгдоны Николаевы скуынæг кодтой уæрæсейаг æфсæдтæ, фехъусын кодта РИА Новости Николаевы сусæгкуысты координатор Сергей Лебедев.
"Николаевы скуынæг кодтой цалдæр нысаны. Уыдонæй иу – уазæгдон "Ингул", цы ран уыдысты нацистттæ сæ фæсарæйнаг инструктортимæ", - загъта Лебедев.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, цæфты фæстæ бирæ сахатты дæргъы ацы территори уыд æхгæд, уагътой дзы æрмæстдæр тагъд æххуысы, зынгфæдисонты æмæ ирвæзынгæнджыты хæдтулгæтæ.
"Афтæ ма скуынæг кодтой нысæнттæ куыстуат "Нибулон"-ы. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, егъау цæф æрцыд порт "Ника-Тера"-йыл дæр", - бафтыдта Лебедев.
УФ Хъахъхъæнынады министрад хъусын кодта, уæрæсейаг Гарзджын тыхтæ Хъырымы теракты фæстæ кæй фехстой катертæ аразæн æмæ æвæрæн цехтæ, афтæ ма æртаджы объекттæ æмæ УГТ æфтауцтæ Одесса, Ильичевск æмæ Николаевы.
Ног хабӕртты лентӕ
0