Хуссар Иры Цъӕйы комы фӕзынд арт-объект Ӕфсатийы хуызистимӕ

© Photo : Пресс-служба Северо-Осетинского заповедникаХуссар Иры Цъӕйы комы фӕзынд арт-объект Ӕфсатийы хуызистимӕ
Хуссар Иры Цъӕйы комы фӕзынд арт-объект Ӕфсатийы хуызистимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Цъӕйы комы сарӕзтой арт-объект Ӕфсатийы хуызистимӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны ӕвӕрд бынаты телеграмм-канал.
"Хъӕддаг сырдты бардуаг Ӕфсати у символикон нӕ территорийӕн, йӕ хъахъхъӕнынады бын сты сырдтӕ ӕмӕ цъиутӕ. Арт-объект ис экологон къахвӕндаг "Шагацикомдон ӕхсӕрдзӕнмӕ" бахизӕн комплексы цур", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Арт-объект саразыны хъуыды фӕзынд ӕвӕрд бынаты директор Дзалаты Олегмӕ. Куыстытӕ сӕххӕст кодтой Дзанайты Азанбеджы номыл Дзӕуджыхъӕуы аивадон ахуыргӕнӕндоны дыккаг курсы студентты.
Ног хабӕртты лентӕ
0