Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн райдыдтой фӕлварӕнтӕ

© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮОУӕрӕсейаг ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн райдыдтой фӕлварӕнтӕ
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн райдыдтой фӕлварӕнтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм абитуриенттӕн райдыдтой фӕлварӕнтӕ, хъусын кӕны къуырисӕры хуссарирыстойнаг хъахъхъӕнынадон уагдоны пресс-службӕ.
Экзаментӕ уагъд цӕуынц Багаты Амираны номыл Кадетон скъолайы. Абитуриенттӕ фыццаг хатт дӕттынц фӕлварӕнтӕ цифрон форматы, уый фӕдыл Уӕрӕсейӕ ӕрцыдысты специалисттӕ сӕрмагонд програмон ифтонггарзимӕ.
"Объективондзинадӕн экзаментӕ уагъд цӕуынц компьютерон къласы, уырдыгӕй "онлайн" форматы цӕуы трансляци телеэкранмӕ, уый руаджы ныййарджытӕн фадат ис сӕ цӕст дарын фӕлварӕнтӕм", - банысан кодтой уагдоны.
Хъахъхъӕнынады министр Марат Павлов бабӕрӕг кодта скъола ӕмӕ басгӕрста фӕлварӕнты цыд, бафтыдтой уагдоны.
© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮОУӕрӕсейаг ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн райдыдтой фӕлварӕнтӕ
Вступительные экзамены в военные вузы России в Кадетской школе Минобороны РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.07.2023
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн райдыдтой фӕлварӕнтӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0