Хуссар Иры УУМ бафæдзæхста Гуфта-Къуаиса фæндагыл автотранспорты змæлд æруромыны фæдыл

© Министерство строительства РЮОГуфта-Къуаиса фæндаг
Гуфта-Къуаиса фæндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 июл – Sputnik. Гуфта-Цхинвал фæндагыл æввахс бонты æруромдзысты автотранспорты змæлд цалцæггæнæн куыстыты тыххæй. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
"Æрвылбон 26-æй 28-æм июльмæ 9.00 сахатæй 18.00 сахаты онг æхгæд æрцæудзæн автотранспорты змæлд Гуфта-Къуаиса фæндагыл цалцæггæнæн куыстыты тыххæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны рекомендаци кæнынц развæлгъау аразын балцы нывæст.
Ног хабӕртты лентӕ
0