Генпрокуратурӕ фӕцис фӕдагуырд Цхинвалы цӕрӕг Уалыты Сосланы амарыны хъуыддаджы фӕдыл

© Photo : Пресс-служба президента РЮОГаглойты Аланы фембӕлд Генпрокурор Собати Григориимӕ
Гаглойты Аланы фембӕлд Генпрокурор Собати Григориимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 июл – Sputnik. Генералон прокуратурӕ фӕцис фӕдагуырдон мадзӕлттӕ уголовон хъуыддаджы фӕлгӕтты, кӕцы бакодтой Цхинвалы цӕрӕг Уалыты Сосланы (Цугри) амарыны фӕдыл. Уый тыххӕй президент Гаглойты Аланимӕ фембӕлды рӕстӕджы фехъусын кодта генпрокурор Собаты Григорий.
Фыдракӕнд ӕрцыд столицӕйы центры 17 апрелы. Уалыты Сослан райста цалдӕр цӕфы кардӕй, уый бакодтой рынчындонмӕ, фӕлӕ уым амард райсгӕ цӕфты фӕстиуӕгӕн.
"Генералон прокурор фехъусын кодта Уалыты Сосланы амарыны фӕдыл уголовон хъуыддаджы тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, фӕдагуырдон мадзӕлттӕ кӕй фесты, цӕттӕ цӕуы хатдзӕгон зылыны тӕрхон", - хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.
Зылыны тӕрхон рахӕссын ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ процедурӕтӕ сӕххӕст кӕныны фӕстӕ уголовон хъуыддаг нывӕндынц бадӕттын тӕрхондонмӕ, хъусын кӕны пресс-службӕ генпрокуроры ныхӕстӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0