https://sputnik-ossetia.com/20230726/informatsion-agentad-sputnik-khussar-irystony-kusdzhyta-raystoy-prezidenty-kady-gramotata-24694778.html
Информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджытӕ райстой президенты Кады грамотатӕ
Информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджытӕ райстой президенты Кады грамотатӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджыты схорзӕхджын кодтой мыхуыр ӕмӕ информаци комитеты. 26.07.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-07-26T16:29+0300
2023-07-26T16:29+0300
2023-07-26T16:29+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
президент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/1a/24689327_0:152:3101:1896_1920x0_80_0_0_db7f82d887c0b7648ec9f1f49d0e9a35.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджыты схорзӕхджын кодтой мыхуыр ӕмӕ информаци комитеты.Кады грамотатӕ райстой агентады хистӕр Хъуылаты Зӕринӕ, шеф-редактор Зассеты Майя, видео хайады хистӕр Ӕлборты Александра, бузныджы гӕххӕттӕй рахицӕн кодтой бильдредактор Хаситы Михаилы. Паддзахады номӕй хорзӕхтӕ радта президенты администрацийы хистӕры хӕдивӕг Тыбылты Алан. Хорзӕхкӕныны церемони ацыд дзыллон информацийы фӕрӕзты боны цытӕн. Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджытӕй дарддӕр ма Кады грамотатӕ ӕмӕ бузныджы гӕххӕтытӕ райстой паддзахадон телерадиокомпани "Ир", газеттӕ "Хурзӕрин", "Южная Осетия" ӕмӕ полиграфион баиугонды кусджытӕ.Уый ма бафтыдта, фӕстӕдӕр лӕвӕрд ӕрцӕудзысты журналисттӕн Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады 15 азы майдантӕ дӕр.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/1a/24689327_186:0:2915:2047_1920x0_80_0_0_6ba556ffbc7d0c4bbaf7b8ad03582039.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент
Информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджытӕ райстой президенты Кады грамотатӕ
ЦХИНВАЛ, 26 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджыты схорзӕхджын кодтой мыхуыр ӕмӕ информаци комитеты.
Кады грамотатӕ райстой агентады хистӕр Хъуылаты Зӕринӕ, шеф-редактор Зассеты Майя, видео хайады хистӕр Ӕлборты Александра, бузныджы гӕххӕттӕй рахицӕн кодтой бильдредактор Хаситы Михаилы.
Паддзахады номӕй хорзӕхтӕ радта президенты администрацийы хистӕры хӕдивӕг Тыбылты Алан. Хорзӕхкӕныны церемони ацыд дзыллон информацийы фӕрӕзты боны цытӕн.
Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджытӕй дарддӕр ма Кады грамотатӕ ӕмӕ бузныджы гӕххӕтытӕ райстой паддзахадон телерадиокомпани "Ир", газеттӕ "Хурзӕрин", "Южная Осетия" ӕмӕ полиграфион баиугонды кусджытӕ.
"Бузныг уын уӕ куысты тыххӕй президенты номӕй. Мах иууылдӕр зонӕм, куыд зын у журналисты куыст", - банысан кодта Тыбылты Алан йӕ раныхасы рӕстӕджы.
Уый ма бафтыдта, фӕстӕдӕр лӕвӕрд ӕрцӕудзысты журналисттӕн Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады 15 азы майдантӕ дӕр.