Sputnik Литвайы шеф-редактор Марат Касем ацыд Латвийӕ

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæМарат Касем
Марат Касем - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 26 июл - Sputnik. Sputnik Литвайы шеф-редактор Марат Касем ацыд Латвийӕ, уымӕн ӕмӕ гӕнӕн ис сног кодтаиккой уголовон фӕдагуырд йӕ фӕдыл, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) официалон минӕвар Мария Захарова радио Sputnik эфиры.
"Уголовон фӕдагуырд сног кӕныны тӕссагдзинад кӕй уыд, уый фӕдыл Марат Касем ссардта фадат ӕмӕ ацыд ацы бӕстӕйӕ", - загъта Захарова.
Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, бӕрӕг уыд, Латвийы къухдариуӕгад дарддӕр кӕй архайдзӕн журналисты ныхмӕ.
Марат Касемы апрелы рауагътой Латвийы ахӕстонӕй бӕстӕйӕ ма ацӕуыны фӕдыл гӕххӕттимӕ.
Марат Касем у Латвийы æмбæстаг, цалдæр азы дæргъы цæры æмæ кусы Мæскуыйы медиакъорд "Россия сегодня"-йы, уырдæм хауы Sputnik Литва дæр. 2022 азы 30 декабры журналист æрцыд Латвиямæ бинонты хабæртты фæдыл. Sputnik Литва куыд фехъусын кодта, афтæмæй Касемы æрурæдтой, 5 январы та йæ тæрхондон бакодта ахæстонмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0