Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта этнолагерь Хуссар Иры Начърепайы хъӕуы

© Sputnik / Фатима ПлиеваГаглойты Алан бабӕрӕг кодта этнолагерь Хуссар Иры Начърепайы хъӕуы
Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта этнолагерь Хуссар Иры Начърепайы хъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта этнолагерь Хуссар Иры Дзауы районы Начърепайы хъӕуы.
Президент ӕвӕрццаг аргъ скодта этнографион лагеры организацийӕн. Паддзахады сӕргълӕууӕг ӕрныхас кодта фӕсивӕдимӕ ӕмӕ ахъазыд семӕ уӕлыстъол теннис ӕмӕ воллейболӕй.
© Sputnik / Фатима ПлиеваГаглойты Алан бабӕрӕг кодта этнолагерь Хуссар Иры Начърепайы хъӕуы
Президент Алан Гаглоев посетил этнолагерь в селе Начрепа Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2023
Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта этнолагерь Хуссар Иры Начърепайы хъӕуы
Улӕфджыты фыццаг къордимӕ фембӕлды рӕстӕджы паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, этнолагеры дыккаг потокмӕ кӕй фӕхондзӕн ӕвзонг адӕмы Хърӕсе-Черкес, Абхаз ӕмӕ Цӕгат Ирыстонӕй.
"Хъӕрӕсе-Черкесы ис ирон хъӕутӕ, ӕмӕ мах фӕнды фӕхонын сӕ фӕсивӕды минӕвӕртты фидӕн потокмӕ. Афтӕ ма ӕрцӕудзысты Абхаз ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ", - загъта президент.
Этнографион лагерь фӕсивӕдӕн сорганизаци кодта республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитет. Уым ис ахуырадон, спортивон-туристон, культурон-хиирхæфсæн программæтæ. Ацы программæты фæлгæтты æвзонг адæм райсдзысты практикон зонындзинæдтæ националон къæбиц, ирон адæмы традицитæ æмæ æгъдæуттæ, националон хореографи æмæ ирон хъæзтытæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0