Свердловскы областы парламенты радзырдтой Хуссар Иримӕ ӕмгуыстады перспективӕтыл

© Пресс-служба президента РЮО Anton TaybareyСвердловскы областы парламенты радзырдтой Хуссар Иримӕ ӕмгуыстады перспективӕтыл
Свердловскы областы парламенты радзырдтой Хуссар Иримӕ ӕмгуыстады перспективӕтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik, Нина Мохаммад. Хуссар Ирыстон зӕрдӕмӕдзӕугӕ у Свердловскы областӕн туризм ӕмӕ базарадон-экономикон ахастыты къабазы. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта областы Закондӕттӕг ӕмбырды сӕрдар Людмила Бабушкина.
Свердловскаг парламенты депутаттӕ 1 августы ӕркӕсдзысты законмӕ регионы хицауад ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн бадзырд бафыссыны фӕдыл. Базарадон-экономикон, зонадон-техникон ӕмӕ социалон-культурон фадгуыты ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд бафыстой республикӕйы президент Гаглойты Алан ӕмӕ областы губернатор Евгений Кувашевы фембӕлды рӕстӕджы Петербургаг ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы фӕлгӕтты.
"Хуссар Ирыстонӕн Свердловскы областимӕ ӕмгуыстады перспективон здӕхтыты хсӕн – хӕххон ӕрзӕты сӕудӕджерад, гидро ифтонггарзы ӕрбаласт, хӕххон хъуыддаджы кадрты цӕттӕкӕнынад уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты, Уралы паддзахадон экономикон университет ӕмӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ӕхсӕн ӕмгуыстад, Хуссар Ирыстоны рдыгӕй та махӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ у туризмы райрӕзт, афтӕ ма текстилон ӕмӕ агросӕудӕджерадон комплексы продукцийы ӕрбаласт", - радзырдта уый.
© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæЛюдмила Бабушкина
Председатель Законодательного собрания Свердловской области, член президиума политического совета Свердловского регионального отделения партии Единая Россия Людмила Бабушкина. Архивное фото - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2023
Людмила Бабушкина
Людмила Бабушкина ма банысан кодта, регион ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн бадзырдӕй уыдон кӕй адарддӕр кодтой уый размӕ ӕмархайд.
"Мах бирӕ хатт райстам делегацитӕ Хуссар Ирыстонӕй. Ацы аз июлы 13-ӕм базарадон равдыст ИННОПРОМ-мӕ нӕм ӕрцыд республикӕйы базарадон минӕвар Таймураз Гогинов", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Свердловскы областы цӕры 300-йӕ фылдӕр ироны, кӕцытӕ сарӕзтой дыууӕ ӕхсӕнадон организацийы.
Ног хабӕртты лентӕ
0