Цхинвалы цалцæг кæнынц Сыгъдæг Константин æмæ Еленайы аргъуан

© Photo : Пресс-служба Аланской епархииЦхинвалы цалцæг кæнынц Сыгъдæг Константин æмæ Еленайы аргъуан
Цхинвалы цалцæг кæнынц Сыгъдæг Константин æмæ Еленайы аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицæйы Сыгъдæг Константин æмæ Еленайы Алайнаг аргъуаны уагъд цæуынц мидæггагон цалцæггæнæн куыстытæ, фехъусын кодта Sputnik-æн организатортæй иу Туаты Михаил.
Аргъуаны къултæ рагæй сты мæцъæл æмæ райдыдта кæлын штукатуркæ.
"Мах аскъуыддзаг кодтам ранæуæг кæнын бæстыхай мидæгæй. Ам дæс азæй фылдæр нæ уагътой ахæм куыстытæ. Цæмæй штукатуркæ ма кæла, уый тыххæй хъæуы æрхуыйын уæлхæдзар æмæ къултæ доны ныхмæ фидар фанерæйæ. Цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой къуырийы размæ æмæ уагъд цæуынц аргъуанмæ цæуæг адæмы фæрæзты руаджы", - радзырдта Туаты Михаил.
Аргъуан арæзт æрцыд IV-VI æнусты, фæлæ къултыл уазнывтæ нæ баззад – советон хицауады рæстæджы ацы бæстыхайы уыд æртаджы æфтауц. Афтæ ма, Туаты Михаилы ныхæстæм гæсгæ, 90-æм азты фæстæ аргъуан цалдæр хатт сцалцæг кодтой.
Цалцæггæн куыстыты рæстæджы аргъуан гом у боныгон, æмæ алкæмæндæр фадат ис æрбацæуынц æмæ баххуыс кæнын, бафтыдта Туаты Михаил.
© Photo : Пресс-служба Аланской епархииЦхинвалы цалцæг кæнынц Сыгъдæг Константин æмæ Еленайы аргъуан
В Аланском Храме Святых Константина и Елены продолжается ремонт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2023
Цхинвалы цалцæг кæнынц Сыгъдæг Константин æмæ Еленайы аргъуан
Ног хабӕртты лентӕ
0