https://sputnik-ossetia.com/20230728/botsity-baron-roman-sast-rkhys-21-khay-24559163.html
Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 2.1 хай
Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 2.1 хай
Sputnik Хуссар Ирыстон
Сæууон хуры тынтæ сæхи бамбæхстой сау асæстыты фæстæ æмæ æрмæст ранæй-рæтты хъазыдысты сау хæхты айнæг фæрстыл. Хаттæй-хатт-иу хуры цæст фæзындис фæндаггæттæм... 28.07.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-07-28T12:48+0300
2023-07-28T12:48+0300
2023-07-28T12:48+0300
"саст рæхыс"
хуссар ирыстоны
радио иронау
аудиочиныг
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/13/24558989_0:0:1445:813_1920x0_80_0_0_173e43e3287f094301373f8463209de2.png
Боциты Барон. Роман «Саст рæхыс». 3 сæр
Sputnik Хуссар Ирыстон
Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 3 сæр
Сæууон хуры тынтæ сæхи бамбæхстой сау асæстыты фæстæ æмæ æрмæст ранæй-рæтты хъазыдысты сау хæхты айнæг фæрстыл. Хаттæй-хатт-иу хуры цæст фæзындис фæндаггæттæм, мигътæ-иу кæрæдзи хуылфы куы ауадысты, уæд арвы цъæх хæдон асæстытæй йæхи хъулон дардта.Тарстысты бæлццæттæ сау мигъты цæстæнгасæй æмæ-иу Тему Мырзахъмæ фæдзырдта:–Тагъддæр æвзид бæхтæм, кæннод нæ комы нарджыты къæвда куы æрцахса, уæд дур тулынæй тас у, æмæ ныл исты зиан æрцæудзæнис.Мырзахъæн уыцы ныхас æхсызгон кæм уыдаид, фæлæ-иу æфсæрмæй æнæдзургæйæ æфсоны "но", зæгъгæ, фæкодта бæхтæн æмæ та-иу бозийы рохтæ бæхтæн сæхи бар ауагъта æмæ уыдон дæр хъазгæ цыдысты. Цæлыччы дæр нæ фæндыдис, цалынмæ Тъæпæнхъæу фæаууон уа, уæдмæ асæпп кæнын, цæмæй йæ сæ хъæуы лæппутæй исчитæ линейкæйы бадтæ федтаиккой, уый тыххæй.Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/07/13/24558989_0:0:1085:813_1920x0_80_0_0_d1256ca82e1d6134113c1954e3bd2b22.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , аудиочиныг, аудио
Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 2.1 хай
Сæууон хуры тынтæ сæхи бамбæхстой сау асæстыты фæстæ æмæ æрмæст ранæй-рæтты хъазыдысты сау хæхты айнæг фæрстыл. Хаттæй-хатт-иу хуры цæст фæзындис фæндаггæттæм, мигътæ-иу кæрæдзи хуылфы куы ауадысты, уæд арвы цъæх хæдон асæстытæй йæхи хъулон дардта.
Тарстысты бæлццæттæ сау мигъты цæстæнгасæй æмæ-иу Тему Мырзахъмæ фæдзырдта:
–Тагъддæр æвзид бæхтæм, кæннод нæ комы нарджыты къæвда куы æрцахса, уæд дур тулынæй тас у, æмæ ныл исты зиан æрцæудзæнис.
Мырзахъæн уыцы ныхас æхсызгон кæм уыдаид, фæлæ-иу æфсæрмæй æнæдзургæйæ æфсоны "но", зæгъгæ, фæкодта бæхтæн æмæ та-иу бозийы рохтæ бæхтæн сæхи бар ауагъта æмæ уыдон дæр хъазгæ цыдысты. Цæлыччы дæр нæ фæндыдис, цалынмæ Тъæпæнхъæу фæаууон уа, уæдмæ асæпп кæнын, цæмæй йæ сæ хъæуы лæппутæй исчитæ линейкæйы бадтæ федтаиккой, уый тыххæй.
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.