Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады офицертӕ цӕуынц квалификацион фӕлварӕнтӕ

© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады офицертӕ цӕуынц квалификацион фӕлварӕнтӕ
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады офицертӕ цӕуынц квалификацион фӕлварӕнтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады уагъд цӕуынц квалификацион фӕлварӕнтӕ уагдоны фӕткдаруаты ӕмӕ ӕхсыны бригадӕйы офицертӕн, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Фӕлварӕнтӕ ацыдысты республикон стадионы.
"Ӕфсӕддонтӕ радтой нормативтӕ физикон цӕттӕдзинадӕй сӕ кары категоритӕм гӕсгӕ", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Майрӕмбоны офицертӕ хъуамӕ радтой нормативтӕ ӕхсыны цӕттӕдзинадӕй уагдоны ахуырадон центры базӕйыл.
Хъахъхъӕнынады министрады банысан кодтой, контролон фӕлварӕнты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ ӕфсӕддонтӕн сфидар кӕндзысты (ратдзысты) ӕмбӕлон къласон квалификаци.
Ног хабӕртты лентӕ
0