Улӕфӕн зонӕ арӕзт цӕуы Ленингоры районы егъаудӕр цӕрӕн пункты

© Photo : Пресс-служба Ленингорского районаУлӕфӕн зонӕ арӕзт цӕуы Ленингоры районы егъаудӕр цӕрӕн пункты
Улӕфӕн зонӕ арӕзт цӕуы Ленингоры районы егъаудӕр цӕрӕн пункты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Улӕфӕн зонӕ арӕзт цӕуы Ленингоры районы Цъинагары хъӕуы центры, территорийы хӕрзарӕзтад балхынцъ уыдзӕн сентябры. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта районы администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжела.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, улӕфӕн зонӕйы проект цӕттӕ 'рцыд районы администрацийы заказмӕ гӕсгӕ.
"Проектмӕ гӕсгӕ улӕфӕн зонӕ дихгонд 'рцӕудзӕн газонтыл, фӕнд дзы кӕнынц ныссадзын бӕлӕстӕ, сӕвӕрдзысты бандӕттӕ, рухсытӕ. Уӕлдай йӕ срӕсугъд кӕндзӕн чысыл суадон, кӕцы ныридӕгӕн амад цӕуы", - загъта Кокойты Анжела.
Уый ма банысан кодта, куыстытӕ ӕххӕст кӕны районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад.
Ног хабӕртты лентӕ
0