Адӕмон сфӕлдыстады центр хоны къамты конкурсы хайад райсынмӕ

© Depositphotos.com / Alexey KlementievАдӕмон сфӕлдыстады центр хоны къамты конкурсы хайад райсынмӕ
Адӕмон сфӕлдыстады центр хоны къамты конкурсы хайад райсынмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады дӕлбар адӕмон сфӕлдыстады центр хоны VIII-ӕм фотоконкурс "Южная Осетия - 2023"-ы хайад райсынмӕ. Ацы аз номинацитӕ фылдӕр бӕрцӕй баст сты Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад Уӕрӕсейы рдыгӕй банымайыны юбилейимӕ. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдтой уагдоны пресс-службӕйы.
Куыстытӕ ист цӕудзысты суанг 16 августмӕ, уымӕй дыууӕ боны фӕстӕ конкурсӕн хатдзӕгтӕ скӕндзысты республикон библиотекӕтӕйы.
"Хайад райсынмӕ хонӕм хӕдахуыр къамисджыты кар ӕмӕ цӕрӕн бынатмӕ нӕкӕсгӕйӕ. Ӕнӕмӕнг у ӕрмӕст, цӕмӕй цы куыстытӕ бавдисой, уыдоны уа сӕхи ист ӕрмӕг. Конкурс цӕудзӕн ӕртӕ номинацийы "Пейзаж", "15 аз сабыр арвы бын" ӕмӕ "Уӕлахизы ӕмкарӕнтӕ", - загътой уагдоны.
Конкурсы уӕлахиздзаутӕн цыт кӕндзысты Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад Уӕрӕсе куы банымадта, уый 15 азы юбилейы мадзӕлтты фӕлгӕтты.
Ног хабӕртты лентӕ
0