Боциты Барон Саст рæхыс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Саст рæхыс"

Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 2. 3 хай

Боциты Барон. Роман «Саст рæхыс». 2. 3 хай
Рафыссын
Сæууон райсом. Æнахуыр ком. Цæгатырдыгæй къазармайы бакомкоммæ, хохы тыппырыл иу гыццыл хъæуæй комы бынмæ, гакъон-макъон фæндæгтыл цæуынц урсбырынкъ фæныкхуыз хæрджытæ. Сæ фæстæ даргъ лæдзджытимæ цæуынц сæ хицæуттæ. "Кокс", зæгъгæ, сыл куы фæхъæр кæнынц, уæд сæумæрайсом, цыма сæ хуссар фарсæй исчи фæзмгæ скæны, уыйау сæ ныхас комы адаргъ вæййы. Хæрæджы синтæ куы ныццæвы лæдзæгæй йæ хицау, уæд, цыма къулæгæй уæлхæдзар æркъуыры, уыйау æнуд хъæр фæкæны.
"Куыд мæгуыры бон ис уыцы хæрджытыл дæр, уыцы хохы цъупмæ фæстæмæ уаргъимæ чи цæудзæн. Куыд мæгуыр сты уыцы хæрæджы хицæуттæ, йæ цæрæнбоны хæрæджы уаргъæй чи цæры, йæ хæдзары дуармæ уæрдон кæмæн нæ тулы, йæ алы боны балцы йæ хæдзарæй фистæгæй чи рараст вæййы", — сдзырдта Цæлыкк, йæхæдæг къазармайы дуарæй ракæс-бакæс кæны.
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0