Боциты Барон Саст рæхыс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Саст рæхыс"

Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 2. 4 хай

Боциты Барон. Роман «Саст рæхыс». 2. 4 хай
Рафыссын
Уæлдай тынгдæр йæ зæрдыл æрлæууыдысты йæ кæстæр æфсымæртæ Арон æмæ Тузар, йæ гыццыл къæбæлдзыгсæр хо Азау.
Сæ мад Фатъи цæкуытæ куы скæны сæ тасмачъи пецы къæйыл, уæд Азау, йæ гыццыл къухтæй йæ гом гуыбыныл хæцгæ, арты тæвдæй тæрсгæйæ, хæстæг цæуын нæ фæуæнды пецмæ æмæ хъæр кæныи байдайы:
— Гыцци, мæнæн дæр таппустæ ратт, кæннод мæ
гуыбын басудздзæн.
Кæд æмæ пецы сæрæй "къæрцц", зæгъгæ таппус фесхъиуы, уæд гыццыл чызг йæ фæстæ азгъоры, рыгæйдзагæй йæ, лæппутæй йыи аскъæфынæй кæй фæтæрсы, уымæ гæсгæ йæ тæвдæй дзыхы баппары, цæстытæ тыбар-тыбур райдайыиц æмæ, сæгъ сындз куы ахæра, уыйау æй йæ комы къулты раппар-баппар акæны, былтæ кæрæдзимæ нал фенгом кæнынц, йæ цæстытысыг амизы æмæ йæ æрдæгæууылдæй фæдæлæ кæны.
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0