Хуссар Иры фыццаг президент балӕвар кодта Национ музейӕн йӕ куыстытӕ ӕмӕ нымӕт

© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры фыццаг президент балӕвар кодта Национ музейӕн йӕ куыстытӕ ӕмӕ нымӕт
Хуссар Иры фыццаг президент балӕвар кодта Национ музейӕн йӕ куыстытӕ ӕмӕ нымӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны фыццаг президент, профессор, историон зонӕдты доктор Цыбырты Людвиг балӕвар кодта республикӕйы Национ музейӕн йӕ чингуытӕ ӕмӕ нымӕт – йӕ цӕцӕйнаг коллегӕтӕй лӕвар 90 азы юбилеймӕ.
Цыбырты Людвиджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ зонадон архайды иууыл ахсджиагдӕр куыстытӕй сӕ иу у ӕртӕтомон "Ирон Нартиадӕйы эциклопеди".
"Ӕз аскъуыддзаг кодтон балӕвар кӕнын энциклопедитӕ Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры алкӕцы библиотекӕйӕн дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕз сӕ дӕттын мӕ уарзон музейӕн дӕр, цы ран кӕддӕр раджы райдыдтон мӕ зонадон архайд", - загъта Цыбырты Людвиг.
Музейы директор Зассеты Мераб бузныг загъта Цыбырты Людвигӕн коллективы номӕй лӕвары тыххӕй.
"Дӕ куыст у иттӕг ахсджиаг, чингуытӕ ссардзысты сӕ кадджын бынат музейы библиотекӕйы", - банысан кодта Зассеты Мераб.
Афтӕ ма Цыбырты Людвиг бахахх кодта, Национ музей кӕй у Хуссар Ирыстоны символтӕй сӕ иу, ӕмӕ йын тынг ӕхсызгон у балӕвар кӕнын музейӕн йӕ куыстытӕ.
© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры фыццаг президент балӕвар кодта Национ музейӕн йӕ куыстытӕ ӕмӕ нымӕт
Людвиг Чибиров передал в дар национальному музею книги - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.08.2023
Хуссар Иры фыццаг президент балӕвар кодта Национ музейӕн йӕ куыстытӕ ӕмӕ нымӕт
Ног хабӕртты лентӕ
0