Цхинвалы банысан кӕндзысты десантникы бон

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы банысан кӕндзысты десантникы бон
Цхинвалы банысан кӕндзысты десантникы бон  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны банысан кӕндзысты Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты сӕвзӕрды 93 азы афӕдзыбон. Бӕрӕгбон нысан кӕнын райдайдзысты Кады Аллейы Ӕнусон арты цур Цхинвалы. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты цӕдисы сӕрдар Мӕргъиты Юрий.
Хуссар Ирыстон, куыд ӕппӕт Уӕрӕсе, афтӕ нысан кӕны десантникы бон дыккӕгӕм августы.
"Цхинвалы Ӕнусон арты цур уыдзӕн дидинджыты сӕвӕрыны церемони цӕдисы уӕнгтӕ ӕмӕ хицауады минӕвӕртты хайадистӕй. Уыцы бон ма бӕрӕгбоны цытӕн уыдзӕн автозгъорд", - загъта уый.
Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты цӕдисы сконды ис 70 адӕймаджы бӕрц.
Ног хабӕртты лентӕ
0