Хуссар Иры арæнгæрон зонæйы рæстæгмæ бар ис аразын хъæууонхæдзарадон куыстытæ – ПÆК

© Sputnik / Natalia Airiyan Арæнгæрон зонæ
Арæнгæрон зонæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитет рæстæгмæ бар радта уадзын хъæууонхæдзарадон куыстытæ арæнгæрон зонæйы æнæ сæрмагонд барлæвæрдæй. Ацы фæтк архайдзæн дыууæ мæйы дæргъы.
"Хуссар Ирыстоны ПÆК хъусын кæны, дыккæгæм августæй 2023 азы 30 сентябры онг республикæйы цæрджытæн хорз уавæртæ саразыны нысанæн бар ис æххæст кæнын хъæууонхæдзарадон куыстыты хицæн хуызтæ æнæ сæрмагонд барлæвæрдæй, сæ нымæцы, хъæууонхæдзарадон продукцийы æлхæд æмæ транспортировкæ Цхинвалы, Знауыры æмæ Ленингоры районы арæнгæрон зонæты", - фехъусын кодта уагдоны пресс-службæ.
Ацы нысæнттæн арæнгæрон зонæмæ бацæуынæн хъæуы фехъусын кæнын Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы æввахсдæр Арæнгæрон дæлхайадмæ Хуссар Ирыстоны. Уырдæм хъæуы æрбацæуын паспортимæ, цæмæй снысан кæной хъæууонхæдзарадон куыстыты бынат, характер æмæ æмгъуыд.
Ног хабӕртты лентӕ
0