Цхинвалы нысан кӕнынц Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон

© Фатима ПлиеваЦхинвалы нысан кӕнынц Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон
Цхинвалы нысан кӕнынц Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты бон  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Кады Аллейы Ӕнусон артмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой дидинджытӕ Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты (УДӔ) сырӕзты 93-ӕм афӕдзыбон.
Мадзалы хайад райстой президенты администрацийы хистӕр Джиоты Алан, хицауады сӕрдар Джуссойты Константин, "базырджын фистӕгӕфсады" ветерантӕ, Маргеловы номыл Рязаны гвардион уӕлдӕр ӕфсӕддон уӕлдӕфон ахуыргӕнӕндоны курсанттӕ, хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Сиукъаты Вадим.
"Сымах стут нӕ хистӕртӕ, уӕ дӕнцӕгыл хъомыл кӕнынц нӕ рӕзгӕ фӕлтӕртӕ, кӕцытӕ сты сӕ райгуырӕн бӕстӕ хъахъхъӕныны хъом. Сӕдӕ азы ӕмбӕлут уӕ бӕрӕгбоны", - загъта десантниктӕн Джиоты Алан.
Уый фӕстӕ десантниктӕ афӕндараст сты традицион автозгъордмӕ, кӕцыйы хайад райстой дӕсгай хӕдтулгӕтӕ. Уыдон ӕрзылдысты столицӕйы уынгтыл Хуссар Ирыстон, Уӕрӕсе ӕмӕ УДӔ тырысатимӕ.
Уӕлдӕфон-десантон ӕфсӕдты (УДӔ) сырӕзты бон Уӕрӕсе ӕмӕ фӕссоветон тыгъдады бӕстӕты нысан кӕнынц 2 августы. Ацы бон 1930 азы Мӕскуыйаг ӕфсӕддон зылды ӕфсӕддон ахуырты бындур ӕвӕрд ӕрцыд ӕфсӕддон-десантон хайадӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0