СÆО æххуысæн концерт æмæ августы мадзæлттæ. Цхинвалы администрацийы ацыд рабадт

© Photo : Пресс-служба мэрии г. ЦхинвалЦхинвалы администрацийы ацыд рабадт
Цхинвалы администрацийы ацыд рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 авг - Sputnik. Сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хайадисджытæн æххуысæн хæрзаудæн концерт æмæ 2008 азы августы хæсты амæттæгты мысæнæн мадзæлттæм цæттæкæнынадыл æрдзырдтой Цхинвалы администрацийы рабадтыл, хъусын кæны мэрияйы пресс-службæ.
"Администрацийы коллектив дыууæ хатт организаци кодта фæрæзты æмбырд нæ хæстонтæн, кæцытæ сты СÆО зонæйы. Хæрзаудæн концертæй мах фæнды баххуыс кæнын нæ хъахъхъæнджытæн æмæ сын зæгъын бузныг", - банысан кодта горæты мэр Хуыгаты Ромео.
Цхинвалы администрацийы хайадты куыстыл дзургæйæ, мэр æрдомдта ныфсхастдæр архайд разамонджытæй æмæ бæрнондæр ахаст куыстмæ администрацийы кусджытæй.
Пресс-службæйы банысан кодтой, аппаратон рабадты фæстиуджытæм гæсгæ мэр радта хæслæвæрдтæ, кæцытæ хауынц æмбæстæгтæн цæрæнуат байуарынмæ дæр. Ацы мадзæлттæм йæ цæст дардзæн горæты сæргълæууæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0