Цхинвалы августы хӕсты тыххӕй ацӕудзӕн равдыст

© фото из архива Л.ПарастаевойЦхинвалы августы хӕсты тыххӕй ацӕудзӕн равдыст
Цхинвалы августы хӕсты тыххӕй ацӕудзӕн равдыст  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны 2008 азы хӕстӕн нывонд фоторавдыст ацӕудзӕн Национ музейы, фехъусын кодта Sputnik-ӕн уагдоны директор Зассеты Мераб.
Равдыст бакӕндзысты ӕвдӕм августы, боны ӕртӕ сахатыл.
"Адӕмы размӕ рахӕсдзыстӕм, хӕсты рӕстӕг цы къамтӕ рцыдысты ист, уыдон. Ӕвдыст цӕудзысты кинонывтӕ. Равдысты уазджытӕ банкъардзысты хӕсты драматизм", - загъта Зассеты Мераб.
Уый ма бафиппайдта, равдыст гом уыдзӕн иу къуырийы ӕмгъуыд.
Ног хабӕртты лентӕ
0