Боциты Барон Саст рæхыс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Саст рæхыс"

Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 2.7 хай

Боциты Барон. Роман «Саст рæхыс». 2.7 хай
Рафыссын
Илас æмæ Цæлыкк цалынмæ фæндагмæ цыдысты,
уæдмæ хъуыстой Естъайы ныхæстæ æмæ мæстыгæнгæ ноджы сæ цыдыл бафтыдтой.
— Цырддæр цу, лæппу, кæд фæразыс, уæд. Афойнадыл нæ хъаст хицауадмæ ныххæссæм.
— Быдырырдыгæй ахуыргонд адæм фылдæр куы хонынц. Æвзаг зонынмæ дæр уырдæм куы цæуынц, Илас, уæд давджыты фæд быдырмæ цæмæн ацыд? Давд æмæ ахуырдзинад иумæ куыд фидауынц, уый дæм диссаг нæ кæсы? Илас Цæлыччы фарстæн цы дзуапп раттаид, уымæн ницы зыдта, йæхщмидæг асагъæс кодта æмæ уæззаугомау сдзырдта:
— Цы зонын, мæ хур, нæ фыд-иу афтæ загъта: цин
æмæ зиан æфсымæртæ сты, — æвæццæгæн, ахуырдзинад дæр давдмæ исты бар дары, ды дысон Мырзахъимæ куыд сæмбæлдтæ, афтæ. Фæлæ кæд лæппу дæ, уæддæр цыма дæ хуымгæнд дæлдзæххы ис, уыйхуызæн мæм кæсы. Хъыг дыи ма уæд, фæлæ ды мæ бæхы давдæн æппын ницы зоныс, уый мæ нæ уырны... Кæм бамбал дæ Мырзахъимæ?
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0