Дзæуджыхъæуы сывæллæттæн 50 фæзуатæй фылдæр сцалцæг кодтой 2023 азы

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæуы 50 сывæллæтты фæзуатæй фылдæр сцалцæг кодтой 2023 азы
Дзæуджыхъæуы 50 сывæллæтты фæзуатæй фылдæр сцалцæг кодтой 2023 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik. 2023 азы Дзæуджыхъæуы "Спецэкосервис"-ы кусджытæ ранæуæг кодтой 52 сывæллæтты фæзуаты, хъусын кæны 15 Регион.
Банысангонд æрцыд, фæзуæттæ цалцæггонд кæй цæуынц графикмæ гæсгæ. Куыд радзырдта порталæн уагдоны сæргълæууæг Махъоты Сослан, афтæмæй специалисттæ раивтой цъæл элементтæ, ногæй сахуырстой æмæ æхсидæн куыстытæ бакодтой.
"Цалцæг кæнæм æнæхъæн горæты, сæ уавæрмæ гæсгæ. Цæрджыты куырдиаттæм дæр æркæсæм", - æрхаста портал Махъоты Сосланы ныхæстæ.
Азы кæронмæ Дзæуджыхъæуы нывæсты ис ранæуæг кæнын 172 сывæллæтты æмæ хъазæн фæзуаты.
Ног хабӕртты лентӕ
0