Цæмæй горæт быроны бын бын ма фæуа: мэрийы бамбарын кодтой, цæмæн хъæуы ног уынаффæ

© Sputnik / Алексей КовалевЦæмæй горæт быроны бын ма фæуа: мэрийы бамбарын кодтой цæмæн хъæуы ног уынаффæ
Цæмæй горæт быроны бын ма фæуа: мэрийы бамбарын кодтой цæмæн хъæуы ног уынаффæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik. Цхинвалы мэри сфидар кодта ног документ, цæмæй горæты цæрджыты æдасдзинад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæдгонд цæуой. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта горæты администрацийы барадон фадыджы сæргълæууæг Мæргъиты Галина.

"Дзуаппдомæн мадзæлтты тыххæй фыст ис закъон "Административон дзуапдомæн хицæн фæткхæлдты тыххæй". Фæткхæлдтæ куы сбæрæг вæййынц, уæд арæзт æрцæуы протокол. Арвитынц æй административон къамисмæ, закъонмæ гæсгæ уый сбæрæг кæны, цавæр дзуапп æрдомдзыты æмбæстагæй. Гæнæн ис æмæ уа фæдзæхст, кæнæ штраф 400 сомæй 2000 соммæ физикон цæсгæмттæн, юридиконтæн аргъ у уæлдæр", - бахахх кодта ныхасæмбал.

Дыккагæй куы ᾿рцæуа фæткхалæн ми, уæд иварæн йæ аргъ дæр фæфылдæр уыдзæн, банысан кодта Мæргъиты Галина.
Ног хабӕртты лентӕ
0