Дзӕуджыхъӕуы бакодтой фистӕг бӕлццонты ӕдасдзинады мониторинг

© Sputnik / Natalia AiriyanДзӕуджыхъӕу
Дзӕуджыхъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 авг – Sputnik. Федералон проект "Ӕдас фӕндӕгты" фӕлгӕтты парти "Единая Россия" бакодта Дзӕуджыхъӕуы фистӕг бӕлццонты ӕдасдзинады мониторинг, хъусын кӕны ПТРК "Алания".
Нысангонд ӕрцыд, партийы активисттӕ ӕмӕ паддзахадон автоинспектортӕ кӕй басгардзысты ахизӕнтӕ цӕгатирыстойнаг столицӕйы скъолатӕ, сабидӕттӕ, рынчындӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр социалон ахсджиаг объектты раз.
Кусӕгон къорд ӕмбырд кӕндзӕн бӕрӕггӕнӕнтӕ фехӕлдты фӕдыл мӕйы дӕргъы – ахизӕнты цухдзинад кӕнӕ сӕ ӕмбӕлон уагмӕ ӕркӕныны фӕдыл информаци бадӕтдзысты горӕты администрацимӕ.
Фехӕлдтӕ иууылдӕр иуварсгонд хъуамӕ ӕрцӕуой ног ахуырадон азы райдианмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0