Дзӕуджыхъӕуы ссардзысты 2008 азы августы хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Photo : Астемир Черткоев Дзӕуджыхъӕуы ссардзысты 2008 азы августы хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Дзӕуджыхъӕуы ссардзысты 2008 азы августы хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 авг - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы ацӕудзӕн 2008 азы гуырдзиаг агрессийы аммӕтӕгтӕн нывонд мысӕн акци.
Сыгъдӕг Георгийы аргъуаны территорийыл 8 августы 20.00 сахатыл ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны трагикон цаутӕн нывонд акци "Мысӕн цырагъ". Акцийы хайад райсдзысты ӕхсӕнадон организацитӕ, динамонджытӕ ӕмӕ кӕйдӕриддӕр фӕнды, уыдон.
Акци уадзы РЦИ-Аланийы фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитет.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц. Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы.
Ног хабӕртты лентӕ
0