Хусар Ир бадзырдта фæсарæйнаг дипмисситæм 2008 азы августы хæсты 15-æм афæдзы боны фæдыл

© Sputnik / Зара ВалиеваХуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы
Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 авг – Sputnik. Гуырдзыстоны агрессийы 15-æм афæдзы бонмæ Хуссар Ирыстоны минæварад Уæрæсейы барвыста Уæрæсейы Федерацийы аккредитацигонд дипломатон мисситæм пресс-релиз, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
"Ацы бонты Республикæ Хуссар Ирыстон, æппæт ирон адæм ногæй мысынц æмæ цыт кæнынц 2008 азы августы гуырдзиаг агрессийы амæттæгтæн", - дзырдæуы хъусинаджы.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц.
"Æххуысмæ куы сидтыстæм 2008 азы, уæд нæ фехъуыста æрмæстдæр Уæрæсе, кæцыйы Гарзджын тыхтæ хуссарирыстойнаг æфсæддонтæ æмæ бархионтимæ иумæ тыхæй æркодтой агрессоры сабырадмæ. Уæрæсейы архæйдтыты руаджы иуварсгонд æрцыд гуманитарон катастрофæ. Абон, 2008 азы августы трагикон цауты 15-æм афæдзы бон, мах ногæй сидæм æппæт дунемæ, цæмæй фæазымджын кæной ацы æвирхъау акци æмæ æрдомой дзуапп йæ инициатортæ æмæ æххæстгæнджытæй", - бахахх кодтой дипмиссийы.
Ног хабӕртты лентӕ
0