Мæскуыйы ссардзысты Хуссар Иры 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ

© Photo : Астемир Черткоев Мæскуыйы ссардзысты Хуссар Иры 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ
Мæскуыйы ссардзысты Хуссар Иры 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы трагикон цауты 15-æм афæдзы бон Мæскуыйы ацæудзысты фыдохы мадзæлттæ, хъусын кæны Мæскуыйаг ирон æхсæнады пресс-сулжбæ.
"Æстæм августы, Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цауты 15-æм афæдзы бон, 11.00 сахатыл Чырыстийы аргъуаны ацæудзæн панихидæ 2008 азы августы хæсты амæттæгты фæдыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц. Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы.
Ног хабӕртты лентӕ
0