"Беслæны мæдтæ" ссардтой 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ

© Sputnik"Беслæны мæдтæ" ссардтой 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ
Беслæны мæдтæ ссардтой 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 авг – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Комитет "Беслæны мæдты" минæвæрттæ ссардтой 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ, уыдон сæвæрдтой дидинтæ æмæ веноктæ Фыдыбæстæ Хъахъхъæнджыты монументмæ Цхинвалы.
© Sputnik"Беслæны мæдтæ" ссардтой 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ
Матери Беслана возложили цветы к монументу Защитникам Цхинвала - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2023
"Беслæны мæдтæ" ссардтой 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ
Мадзалы рæстæджы Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы разамонæджы хæдивæг Тыбылты Алан цыбыртæй радзырдта уазджытæн 2008 азы августы трагикон цауты тыххæй, Цхинвалы уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг хъахъхъæнджыты сгуыхтдзинæдты тыххæй.
© Sputnik / Мария Санакоева"Беслæны мæдтæ" фембæлдысты Гаглойты Аланимæ
Матери Беслана на встрече с Аланом Гаглоевым - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2023
"Беслæны мæдтæ" фембæлдысты Гаглойты Аланимæ
Уый фæстæ мадзалы хайадисджытæ бабæрæг кодтой Национ музей, цы ран базонгæ сты экспонаттимæ, кæцытæ бавдыстой августы хæстæн нывонд фоторавдысты.
Афтæ ма Цæгат Ирыстонæй уазджытæ фембæлдысты республикæйы президент Гаглойты Аланимæ.
© Sputnik"Беслæны мæдтæ" ссардтой 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ
Матери Беслана возложили цветы к монументу Защитникам Цхинвала - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2023
"Беслæны мæдтæ" ссардтой 2008 азы августы хæсты амæттæгты рухс нæмттæ
Ног хабӕртты лентӕ
0