Хуссар Иры сӕвӕрдтой дидинтӕ уӕрӕсейаг ӕмӕ ирон солдаттӕ цы ран фӕмард сты, уыцы бынӕттӕм

© Мария СанакоеваХуссар Иры сӕвӕрдтой дидинтӕ уӕрӕсейаг ӕмӕ ирон солдаттӕ цы ран фӕмард сты, уыцы бынӕттӕм
Хуссар Иры сӕвӕрдтой дидинтӕ уӕрӕсейаг ӕмӕ ирон солдаттӕ цы ран фӕмард сты, уыцы бынӕттӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 авг - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны дыццӕджы сӕвӕрдтой дидинтӕ ӕмӕ веноктӕ 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы фӕмардуӕвӕг хъахъхъӕнджыты сӕфты бынӕттӕм.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц. Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын.
Цхинвалы сӕвӕрдтой дидинтӕ ӕмӕ веноктӕ уӕрӕсейаг фидауынгӕнджыты цыртдзӕвӕнмӕ, кӕцытӕ фыццаг райстой гуырдзиаг ӕфсады цӕф. Мысӕн мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, уӕрӕсейаг минӕвар Марат Кулахметов, Абхазы минӕвар Елбачиты Алан, экс-президенттӕ Цыбырты Людвиг ӕмӕ Тыбылты Леонид, афтӕ ма хицауады уӕнгтӕ, депутаттӕ ӕмӕ тыхон структурӕты минӕвӕрттӕ.
Фидауынгӕнджыты раздӕры бӕстыхайы территорийыл паддзахады сӕргълӕууӕг ӕмӕ мысӕн церемонийы хайадисджытӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ лейтенант Галуанты Олегы цыртдзӕвӕнмӕ дӕр.
Абон ма Хуссар Ирыстоны ссардтой майор Денис Ветчиновы рухс ном, кӕцы фӕмард 9 августы Цхинвалы цӕрджытӕ, йӕ хӕстон ӕмгӕрттӕ ӕмӕ уӕрӕсейаг журналистты ирвӕзынгӕнгӕйӕ. Уӕрӕсейы Хъайтарӕн цыртдзӕвӕн сӕвӕрдтой цы ран фӕмард гуырдзиаг ӕфсӕдтимӕ ӕнӕмсӕр тохы, уыцы бынаты.
Ног хабӕртты лентӕ
0