Хуссар Иры ссардтой Иры Хъайтартӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты рухс нӕмттӕ

© Мария СанакоеваХуссар Иры ссардтой Иры Хъайтартӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты рухс нӕмттӕ
Хуссар Иры ссардтой Иры Хъайтартӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 авг - Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы сӕвӕрдтой дидинтӕ ӕмӕ веноктӕ Ирыстоны Хъайтартӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты цыртдзӕвӕнмӕ.
Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады разысгарӕн къорды командир Багаты Амиран ӕмӕ йе ‘мкусджытӕ – ӕдӕппӕтӕй фараст адӕймаджы – 2008 азы августы ӕрурӕдтой гуырдзиаг ӕфсӕддонты колоннӕ, кӕцы бырста Цхинвалмӕ ныгуылӕн фарсӕй. Цӕстӕйфенджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, знаджы колоннӕйы уыд 500-йӕ фылдӕр адӕймаджы.
Ацы лӕппутӕ сӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кодтой – баурӕдтой знаджы. Фӕлӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕт (Пантера) фӕмард сты ацы тохы рӕстӕджы. Уыдоны мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр ӕфсӕддон хорзӕх орден "Уацамонгӕ", - йӕ.
Дӕс азы фӕстӕ ацы бынаты сӕвӕрдтой цыртдзӕвӕн. Хӕрдзтӕ иууылдӕр сӕхимӕ райстой Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты ӕмкусджытӕ, сӕ хиуӕттӕ, ӕмгӕрттӕ ӕмӕ горӕты ӕндӕр цӕрджытӕ.
Фарон Хъахъхъӕнынады министрады Кадетон скъолайӕн радтой Хуссар Ирыстоны Хъайтар Багаты Амираны ном, уагдоны рауагъдон къласӕн та радтой Джиоты Азӕмӕты ном.
Ног хабӕртты лентӕ
0