Хуссар Иры ссардтой МСНК зынгхуыст хӕстонты рухс нӕмттӕ

© Мария СанакоеваХуссар Иры ссардтой МСНК зынгхуыст хӕстонты рухс нӕмттӕ
Хуссар Иры ссардтой МСНК зынгхуыст хӕстонты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 авг - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны сӕвӕрдтой дидинтӕ ӕмӕ веноктӕ Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) хӕстонтӕ цы ран фӕмард сты, уыцы бынаты уӕвӕг цыртдзӕвӕнмӕ.
Зынгхуыст хъайтартӕн цыртдзӕвӕн сӕвӕрдтой Тъыбеты хъӕуы. Ацы бынаты МСНК хӕстонтӕ бахызтысты ӕнӕмсӕр тохы гуырдзиаг агрессортимӕ. Уыцы хъӕбатыр лӕппутӕй иу дӕр фӕстӕмӕ нӕ алӕууыд. Уыдон кӕронмӕ ныхмӕ лӕууыдысты гуырдзиӕгты ныхмӕ, кӕцытӕ фӕнд кодтой ӕрбабырсын сӕ райгуырӕн Цхинвалмӕ.
МСНК хӕстонтӕй ӕхсӕз – Къӕбысты Алан, Дзахойты Валерий, Мӕлдзыгаты Сослан, Плиты Тамаз, Санахъоты Алан ӕмӕ Быценты Гайоз – нӕ рахызтысты сӕрыгасӕй уыцы тохӕй.
© Мария СанакоеваХуссар Иры ссардтой МСНК зынгхуыст хӕстонты рухс нӕмттӕ
В Южной Осетии почтили память павших в 2008 году омоновцев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2023
Хуссар Иры ссардтой МСНК зынгхуыст хӕстонты рухс нӕмттӕ
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц. Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы.
Ног хабӕртты лентӕ
0