Цхинвал 15 азы размæ ногæй фестад мысан гуырдзиаг агрессортæн – Меняйло

© Пресс-служба президента РЮОСергей Меняйло
Сергей Меняйло - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстон 15 азы дæргъы цæры сабырад æмæ хæдбардзинады, æмæ мах зонæм, цы аргъ бафыстой уый тыххæй йæ адæм, фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Уый зæрдыл æрбалæууын кодта, Цхинвал 15 азы размæ ногæй фестад мысан гуырдзиаг агрессортæн. Фондз боны фæстæ та сæвæрдтой тæпп хуссар ирæтты цæгъдыны историйы.
"Мæнæн уый у хисæрмагонд датæ дæр. Æз уæд хайад истон Гуырдзыстоны тыхæй сабырадмæ æркæныны операцийы. Æз лæууыд Сауденджызон флоты æфсæдты къорды сæргълæууæг абхазаг здæхтыл", - загъта Меняйло.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц. Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы.
Ног хабӕртты лентӕ
0