Уæрæсе сдзуапп кодта Цхинвалмæ атакæйыл карз ныхмæлæудæй агрессорæн – Медведев

© Sputnik / Екатерина Штукина /  Ахизын медиабанкмæДмитрий Медведев
Дмитрий Медведев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 авг - Sputnik. Уæрæсе 15 азы размæ карз дзуапп скодта Цхинвалмæ атакæйæн, фидарæй ныхмæ фæлæууыдысты Саакашвилийы æфсæдты ныхмæ, кæцыты фæстæ лæууыд коллективон Ныгуылæн, фехъусын кодта Уæрæсейы Æдасдзинады советы сæрдары хæдивæг Дмитрий Медведев йæ Telegram-каналы.
"Нæ Гарзджын тыхтæ фондз бонмæ тагъд æмæ карз æфхæрд бакодтой националистты. Бахъахъхъæдтой знагæй нæ адæмы, кæцытæ цардысты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы. Радтой фадат паддзахадтæн рæзын Уæрæсейы æххуысы руаджы", - банысан кодта Медведев.
Уый бахахх кодта, Америкæ æмæ сæ вассалтæн уæд нæ фаг кодта фæлтæрддзинад, фæлæ абон уыдон ногæй кæйдæр къухтæй хæцынц Уæрæсейы ныхмæ.
"Нæ ныхмæ æргомæй хæцы НАТО-йы æнæхъæн системæ. Махмæ ис фаг тыхтæ, цæмæй аскъуыддзаг кæнæм сæрмагонд æфсæддон операцийы хæслæвæрдтæ. Куыд 2008 азы августы, афтæ ныр дæр не знæгты ныппырх кæндзыстæм", - бафтыдта Медведев.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц. Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы.
Ног хабӕртты лентӕ
0