Хуссар Иры хъæутæй иуы скъæты зынгсирвæзты фæстиуæгæн фæмард хæдзарон фос

© Sputnik / Александр Кряжев /  Ахизын медиабанкмæЗынгсирвæзт
Зынгсирвæзт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) радгæсон хайадмæ æртыццæдджы, 9 августы 06.00 сахатыл бацыд куырдиат Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы скъæты ссыгъды фæдыл.
Цауы бынатмæ æвæстиатæй ацыдысты уагдоны тыхтæ.
"Зынгфæдисонты æрцыдмæ скъæт кæронмæ басыгъд, фæмард сты 10 стуры. Зынгфæдисонтæ аиуварс кодтой зынгсирвæзт, цæмæй арт ма апарахат уа сыхаг бæстыхæйттыл", - загътой уагдоны.
Зынгсирвæзты развæлгъау аххосаг у цыбыр аныдзæвд.
Ног хабӕртты лентӕ
0