Боциты Барон Саст рæхыс - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.07.2023
"Саст рæхыс"

Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 2.10 хай

Боциты Барон. Роман «Саст рæхыс». 2.10 хай
Рафыссын
Газеттæ уæйгонд фесты. Бакаст Цæлыкк чингуытæ уæйгæнæн дуканийы дуарæй æмæ хицаумæ дзуры:
— Ауæй сæ кодтон, хицау, мæ газеттæ.
— Хорз, сырд! Дæлæ уал æддейы бандоныл абад, стæй "Русское слово" куы 'рбахæссой станцæйæ, уæд дæм адзурдзынæи æмæ уæй кæндзынæ. Хъусыс? Макуыдæм ацу уырдыгæй, цалынмæ дæм адзурон, уæдмæ.
Цæлыкк фæстæмæ фæзылдис æмæ бадын райдыдта бандоныл.
Æмбисбон ссис. Хуры æитæфæй уыпгтæ фæлм æрæвæрдтой. Уынгты ныр дæр хæсты кой йедтæмæ ницы уыдис. Файтæттæ раскъæф-баскъæф кодтой афицерты уынгты дыууæрдæм сырх ахуырст был чызджытимæ æмæ алырдыгæй хъуыстис сæ кæл-кæл. Бæгънæг сывæллæттæ уынгты тигътыл февзæрынц дидинджытимæ æмæ та сæ гæрæдæвойтæ асурынц тымбыл здыхт гæрз ехсытæй.
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны
Ног хабӕртты лентӕ
0