Гаглойты Алан аразджытæн: сымах хæссут стыр хайбавæрд бæстæйы сæндидзынмæ

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæАразджытæ
Аразджытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 авг – Sputnik. Аразæг у иууыл кадджындæр æмæ хъæугæ професситæй иу, æхсæнады хæрзæбон æмæ стабилондзинады бындур, бахахх кодта йæ арфæйы телы аразджытæн Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан.
"Сымах хæссут стыр хайбавæрд бæстæйы сæндидзынмæ. Сымах фæрцы реализаци цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæ, кæцыйы фæлгæтты арæзт цæуынц цæрæн хæдзæрттæ, фæндæгтæ, нырыккон сабидæттæ æмæ скъолатæ, спортивон комплекстæ, рынчындæттæ æмæ æндæр ахсджиаг объекттæ", - дзырдæуы арфæйы тексты, кæцы мыхуыргонд æрцыд паддзахады сæргълæууæджы сайтыл.
Гаглойты Алан фидарæй загъта, аразджыты фæрцы республикæ дидин кæй калдзæн æмæ суыдзæн зæрдæмæдзæугæ куыд туристтæн, афтæ ивестицитæн дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0