Гаглойты Алан: спорты райрӕзт у паддзахадон политикӕйы стратегион здӕхтытӕй иу

© Sputnik / Наталья АйриянСпорт
Спорт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта физикон культурӕ ӕмӕ спорты уарзджытӕн физкультурникы Боны цытӕн.
Паддзахады сӕргълӕууӕг бахахх кодта, физкультурӕ ӕмӕ спорты райрӕзт кӕй у паддзахадон политикӕйы ахсджиагдӕр стратегион здӕхтытӕй иу.
"Республикӕйы архайынц алыгъуызон спортивон секцитӕ, размӕ цӕуы массон спорт. Нӕ спортсментӕ ӕнтыстджынӕй хайад исынц ӕхсӕнадӕмон ерысты, сӕ дӕнцӕгӕй ӕрбаздахынц физкультурникты рӕнхъытӕм фӕсивӕды", - загъта президент.
Гаглойты Алан бузныг загъта тренертӕн, кӕцытӕ сӕ тыхтӕ ӕмӕ зонындзинӕдтӕ дӕттынц рӕзгӕ фӕлтӕры хъомыладмӕ. Хицӕн бузныг президент загъта спорты адаптивон хуызты ӕнтыстытӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0