Цхинвалы æнтæфы тыххæй фæфылдæр сты фæсидттæ тагъд æххуысы станцмæ

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы æнтæфы тыххæй фæфылдæр сты фæсидттæ тагъд æххуысы станцмæ
Цхинвалы æнтæфы тыххæй фæфылдæр сты фæсидттæ тагъд æххуысы станцмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 авг - Sputnik. Цхинвалы тагъд æххуысы станцмæ æрвылбон æрбацæуы 50-мæ æввахс фæсидты тæвд боныгъæдты тыххæй, фехъусын кодта Sputnik-æн тагъд æххуысы дохтыр Уалыты Эльза.
Хуссар Ирыстоны тæвд боныгъæд ис июлы æмбистæй фæстæмæ.
"Знон нæм уыд 52 фæсидты. Фылдæр бæрцæй дзырдтой гипертониктæ. Æрвылбон дæр нæм вæййы 50-мæ æввахс фæсидты", - радзырдта Уалыты Эльза.
Уый ма бахахх кодта, станцæн ахæм уавæрты кæй фаг кæнынц кусджытæ æмæ хæдтулгæтæ дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0