Хуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ июлы ӕрцахстой 30-ӕй фылдӕр арӕнхалӕджы

© Sputnik / Natalia Airiyan Арæнгæрон зонæ
Арæнгæрон зонæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 авг - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны арӕнхъахъхъӕнджытӕ июлы ӕрцахстой 30-ӕй фылдӕр арӕнхалӕджы, хъусын кӕны къуырисӕры Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.
"Хуссар Ирыстоны ивгъуыд мӕй паддзахадон арӕны алыгъуызон фадгуытыл ӕрцахстой 37 арӕнхалӕджы", - банысан кодтой уагдоны.
Иу арӕнхалӕджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг, дыууын адӕмаджы та бафыстой ивартӕ, кӕцыты иумӕйаг суммӕ рацыд 24 500 сомы. Аст адӕймаджы феддӕдуар кодтой Хуссар Ирыстоны территорийӕ, ноджы ма аст фӕткхалӕджы та бафӕдзӕхстой.
ПӔК зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, республикӕйы цӕрджытӕн бар кӕй радтой уадзын хъæууонхæдзарадон куыстытæ арæнгæрон зонæйы æнæ сæрмагонд барлæвæрдæй. Ацы фæтк архайдзæн дыууæ мæйы дæргъы.
Ацы нысæнттæн арæнгæрон зонæмæ бацæуынæн хъæуы фехъусын кæнын Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы æввахсдæр Арæнгæрон дæлхайадмæ Хуссар Ирыстоны. Уырдæм хъæуы æрбацæуын паспортимæ, цæмæй снысан кæной хъæууонхæдзарадон куыстыты бынат, характер æмæ æмгъуыд.
Ног хабӕртты лентӕ
0