Нарты кадджытæ. Маргъуыдзы кадæг

Нарты кадджытæ. Маргъуыдзы кадæг
Рафыссын
Маргъуыдз баззади иунæгæй йæ мадимæ, йæ фыды фæдзæхстыл лæууыди, хæрам никæмæ хаста, знаг никæмæй кодта. Тынг ысцæрæг и Нарты æхсæн. Æппæт æм фаг уыди, æппæтæй ради, йæ ном æгас бæстыл айхъуысти.
Уæд Нартæ дзурынц иубон сæ ныхасы:
- Маргъуыдзæй цæй Маргъуыдз ис, уæд ус æркæнид. Маргъуыдзы мад, Хуыцауы уарзон æртæ æфсымæры хо, фехъуыста Нарты ныхæстæ æмæ æнкъардæй бадти. Маргъуыдз æй афтæмæй ауыдта æмæ йæ фæрсы:
- Цæуыл æнкъард дæ?
- Уæдæ цæуыл кафон, мæ хъæбул, исты мын дæ фырт авдæны нæ хуыссы æмæ йын зарджытæ нæ кæнын.
- Уый дæр уыдзæни йæ афоныл, - загъта Маргъуыдз æмæ йæ мады йæ хъæбысы æрбакодта æмæ йæ æртæ зылды æркодта.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0