Цæвиттойнаг хъайтардзинад æмæ удуæлдайдзинад – РХИ ФХМ Абхазы хъахъхъæнджыты тыххæй

© Sputnik / Томас ТхайцукЦæвиттойнаг хъайтардзинад æмæ удуæлдайдзинад – ХИ ФХМ Абхазы хъахъхъæнджыты тыххæй
Цæвиттойнаг хъайтардзинад æмæ удуæлдайдзинад – ХИ ФХМ Абхазы хъахъхъæнджыты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад (ФХМ) къуырисæры барвыста абхазаг коллегæтæм нотæ æмуддзинад æмæ æххуысы ныхасимæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты Номарæн Боны цытæн, хъусын кæны хуссарирыстойнаг æддагполитикон уагдоны пресс-службæ.
Ацы бон 1992 азы Абхазы территоримæ бабырстой Гуырдзыстоны паддзахадон советы Æфсæдтæ. Уый фæстæ хотыхджын ныхмæлæуд райхæлд гуырдзиаг-абхазаг хæсты онг.

"Раст 31 азы размæ 14 августы æрцыдысты цаутæ, кæцытæ æрæвæрдтой бындур абхазаг адæмы тугкалæн тохæн сæ хæдбардзинады сæрыл. Мингай адæмы зиæнттæ, пырх инфраструктурæ, гуманитарон æмæ экономикон блокадæ ссисты Гуырдзыстоны мæнгард агрессийы фæстиуджытæ Абхазы цæрджыты ныхмæ", - дзырдæуы нотæйы.

ФХМ банысан кодтой абхазаг хъахъхъæнджыты цæвиттойнаг хъайтардзинад æмæ удуæлдайдзинад.
Уагдоны бафтыдтой, ацы бон Хусар Ирыстоны адæм дæр æмæнкъарæн кæнынц зианджын хæстæджытæ æмæ хиуæттæн æмæ рухс номарæн кæнынц сæ цард чи радта, уыцы Абхазы хъахъхъæнджытæ æмæ сабыр цæрджытæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0