https://sputnik-ossetia.com/20230814/uf-afsaddon-akhuyrganandatty-kursantty-nyyyardzhyta-batsydysty-akhuyradon-tsentr-bars-ma-25013562.html
УФ ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты курсантты ныййарджытӕ бацыдысты ахуырадон центр "Барс"-мӕ
УФ ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты курсантты ныййарджытӕ бацыдысты ахуырадон центр "Барс"-мӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 14 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты хуссарирыстойнаг курсантты ныййарджытӕн равдыстой сӕ сывӕллӕтты службӕйы уавӕртӕ республикӕйы... 14.08.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-08-14T13:25+0300
2023-08-14T13:25+0300
2023-08-14T13:25+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хъахъхъæнынады министрад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/0e/25011547_0:27:1024:603_1920x0_80_0_0_82ede6899c85f43352f3ce78973ea5a7.jpg
ЦХИНВАЛ, 14 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты хуссарирыстойнаг курсантты ныййарджытӕн равдыстой сӕ сывӕллӕтты службӕйы уавӕртӕ республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон центры, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.Ахуырадон центр "Барс"-ы ӕфсӕддон хъуыддаг ахуыр кӕнынц 40-йӕ фылдӕр ӕвзонг лӕппу ӕмӕ чызджы, кӕцытӕ ацы аз бацыдысты Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон уагдӕттӕм. Ӕвзонг хӕстоны курсы фӕстӕ курсанттӕ арт бахӕрдзысты ӕмӕ сӕ фыццӕгӕм сентябры арвитдзысты сӕ ахуыргӕнӕндӕттӕм.Ныййарджытӕн равдыстой ахуырадон центры полигоны обьекттӕ, сдзуапп сын кодтой сӕ фарстытыл.Уагдоны минӕвары ныхӕстӕм гӕсгӕ, чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ цымыдисимӕ ахуыр кӕнынц ӕфсӕддон професси, ӕвдисынц нысанмӕ тырнындзинад ӕмӕ ӕнувыддзинад.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/08/0e/25011547_92:0:932:630_1920x0_80_0_0_342dde342745981a0575e53617b787e8.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хъахъхъæнынады министрад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хъахъхъæнынады министрад
УФ ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты курсантты ныййарджытӕ бацыдысты ахуырадон центр "Барс"-мӕ
ЦХИНВАЛ, 14 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты хуссарирыстойнаг курсантты ныййарджытӕн равдыстой сӕ сывӕллӕтты службӕйы уавӕртӕ республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон центры, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Ахуырадон центр "Барс"-ы ӕфсӕддон хъуыддаг ахуыр кӕнынц 40-йӕ фылдӕр ӕвзонг лӕппу ӕмӕ чызджы, кӕцытӕ ацы аз бацыдысты Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон уагдӕттӕм. Ӕвзонг хӕстоны курсы фӕстӕ курсанттӕ арт бахӕрдзысты ӕмӕ сӕ фыццӕгӕм сентябры арвитдзысты сӕ ахуыргӕнӕндӕттӕм.
Ныййарджытӕн равдыстой ахуырадон центры полигоны обьекттӕ, сдзуапп сын кодтой сӕ фарстытыл.
"Ахуыртӕ, карз боны фӕтк, ӕфсӕддон дисциплинӕ, командӕгӕнджыты хӕслӕвӕрдтӕ ӕвӕстиатӕй ӕххӕст кӕнын – сарӕзтой зноны скъоладзаутӕй ӕцӕг хӕстонты", - банысан кодтой Хъахъхъӕнынады министрады.
Уагдоны минӕвары ныхӕстӕм гӕсгӕ, чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ цымыдисимӕ ахуыр кӕнынц ӕфсӕддон професси, ӕвдисынц нысанмӕ тырнындзинад ӕмӕ ӕнувыддзинад.
"Сӕ ахуыргӕнӕндӕттӕм бацӕудзысты цӕттӕ курсанттӕй", - бахахх кодтой уагдоны.