Гаглойты Алан: Дагестаны трагедийы тыххæй хабар фæриссын кодта зæрдæтæ

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæГаглойты Алан: Дагъистаны трагедийы тыххæй хабар фæриссын кодта зæрдæтæ
Гаглойты Алан: Дагъистаны трагедийы тыххæй хабар фæриссын кодта зæрдæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан арвыста тел тæфæрфæстимæ Дагестаны сæргълæууæг Сергей Меликовæн Махачкалайы трагедийы тыххæй, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

"Дагестаны столицæйы æртаджы станц "Нафта-24"-йы районы трагикон цау, кæцы ахаста æртын фондз адæймаджы цард, байдзаг кодта нæ зæрдæтæ рыст æмæ хъыгдзинадæй", - дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны адæмы номæй æмæ сæрмагондæй йæхицæй дæр президент тæфæрфæс кæны зианбаййафджыты æввахс æмæ хæстæг адæмæн, æвирхъау трагедийы фæцæфуæвджытæн та йæ зæрдæ загъта, цæмæй тагъддæр сæнæниз уой.
Махачкалайы срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн фӕмардуӕвджыты нымӕц схызт 30 адӕймаджы онг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.08.2023
Махачкалайы срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн фӕмардуӕвджыты нымӕц схызт 30 адӕймаджы онг
Махачкалайы 14 августы изæры горæтгæрон ссыгъд автосервис, уый фæстæ зынгсивæрзт апырх ис æртаджы станцыл, æрцыд срæмыгъд. Уæрæсейы УУМ фехъусын кодтой, зынгсивæрзт кæй æрцыд 600 квадратон метры фæзуатыл, фæзиан сты 35 адæймаджы. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад фехъусын кодта 63 госпитализацигонд адæймаджы тыххæй.
Дагестаны 15 август расидтысты Фыдохы бон.
Ног хабӕртты лентӕ
0