Хуссар Иры теннисисттӕ рамбылдтой фондз призон бынаты Абхазы ӕхсӕнадӕмон турниры

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæУӕлыстол теннис
Уӕлыстол теннис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны спортсментӕ рамбылдтой фондз призон бынаты Омар Кварчияйы номарӕн ӕхсӕнадӕмон турниры Абхазы республикӕйы уӕлыстол теннисӕй, фехъусын кодта Sputnik-ӕн Хуссар Ирыстоны уӕлыстол теннисы федерацийы хистӕр Джиоты Мириан.
Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ ацы турниры архайынц 2010 азӕй фӕстӕмӕ.
"Фондз призон бынаты рамбылдтой нӕ спортсментӕ. 2011 азы гуырд спортсменты хсӕн ӕвзист призер ссис Майя Касрадзе ӕмӕ бронзӕйон хорзӕх та райста Тедеты Алина. Къайон ерысты дыккаг бынатыл ацыд Елбачиты Ирина, ӕртыккаг бынӕттӕ та бацахстой Кокойты Аманда ӕмӕ Джиголаты Алана", - загъта Джиоты Мириан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕсивӕдӕн ӕхсӕнадӕмон турнирмӕ ацӕуынӕн баххуыс кодта парти "Ныхас".
Хуссар Ирыстоны уӕлыстол теннисы командӕйы спортсменты цӕттӕ кӕнынц тренертӕ Уалыты Ирина ӕмӕ Джиоты Мириан
Ног хабӕртты лентӕ
0