Æртæ украинæйаг дроны æрыппæрстой УФ Калугайы областы

© Sputnik / Алексей Куденко /  Ахизын медиабанкмæ Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ
 Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 авг - Sputnik. Уæрæсейы уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой æртæ украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты Калугайы областы, фехæлдтæ æмæ зианбаййафджытæ цауы фæстиуæгæн нæй, хъусын кæны РИА Новости Хъахъхъæнынады министрадыл æнцойгæнгæйæ.
"Абон райсомæй 5.00 сахатыл иуварсгонд æрцыд Киевы режимы террористон атакæ æртæ æнæпилотон тæхæг аппаратæй Калугайы областы объекттыл. Уæрæсейы уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ рæстæгыл ссардтой дронты æмæ сæ скуынæг кодтой", - загътой уагдоны.
Хъахъхъæнынады министрады бахахх кодтой, цауы фæстиуæгæн фехæлдтæ æмæ зианбаййафджытæ нæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0