УФ Хъахъхъæнынады министрад форум "Армия"-йы бафыста контракттæ 400 миллиард сомы бæрц

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæÆхсæнадæмон æфсæддон-техникон форум "Армия-2023"
Æхсæнадæмон æфсæддон-техникон форум Армия-2023 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.08.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 авг - Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад Æхсæнадæмон æфсæддон-техникон форум "Армия-2023"-йы бафыста хъахъхъæнынадон-сæудæджерадон комплексы куыстуæттимæ æмæ сын радта паддзахадон контракттæ 400-йæ фылдæр миллиард сомы бæрц, фехъусын кодта УФ Гарзджын тыхты хæцæнгарзы Сæйраг фæткдаруаты хистæр, инæлар-лейтенант Анатолий Гуляев.

"Абон бафыстам 11 æмæ радтам 9 паддзахадон контракты 400-йæ фылдæр миллиард сомы бæрц", - хъусын кæны Гуляевы ныхæстæ РИА Новости.

Уый банысан кодта, ацы паддзахадон контракттæ сæххæст кæныны фæстиуæгæн УФ Гарзджын тыхтæм кæй бацæудзысты ног хæцæнгарз, æфсæддон æмæ сæрмагонд техникæйы 2,5 мин хуызæгæй фылдæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0